12 февраля 2020, 12:27
Мæздæджы 3-аг аз кусы фонд «Быть добру»-йы республикон хайад
Уыцы рæстæгмæ, Татьянæ æмæ Владимир Белоярцевтæ сæ алыварс æрæмбырд кодтой волонтерты командæ
Мæздæджы 3-аг аз кусы фонд «Быть добру»-йы республикон хайад. Уыцы рæстæгмæ, Татьянæ æмæ Владимир Белоярцевтæ сæ алыварс æрæмбырд кодтой волонтерты командæ. Сæ фылдæр сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ. Сæ размæ вæрд хæстыл æрдзурыны, æмæ фидæны куысты пълан снысан кæныны тыххæй волонтертимæ фембæлд фонды разамонæг Хъуысаты Амырхан. Бынаты æрныхас кодтой радон форум «Æнæ арæнтæй»-мæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Боны фæткмæ хаст æрцыди меценаттимæ æнгомдæр æмгуыстад кæныны фарстатыл дæр. Мæздæджы районы «Быть добру»-йы командæйæн ныридæгæн ис стыр ахадындзинад. Фæсивæды ам зонынц, æмæ сыл баууæндынц бæрнон хъуыддæгтæ.