филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
12 февраля 2020, 18:34
Битарты Вячеслав рынчындоны бабæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Зæнджиаты Валерийы

Цæуы йыл 104 азы, æмæ йын йæ сины стæджы састы фæстæ, дзæбæхгæнæн мадзæлттæ кæнынц Кудзаты Хъазыбеджы клиникæйы

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав рынчындоны бабæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Зæнджиаты Валерийы. Цæуы йыл 104 азы, æмæ йын йæ сины стæджы састы фæстæ, дзæбæхгæнæн мадзæлттæ кæнынц Кудзаты Хъазыбеджы клиникæйы. Битарты Вячеслав æмæ Зæнджиаты Валерий бирæ цæуылдæрты аныхас кодтой. Иу сæ кæны сæ райгуырæн Алагиры район. Валерий у фронтовик, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Райгуырди Алагиры 26-æм январы 1916-æм азы. 41-æм азы июнæй 42-æм азы мартъийы онг тох кодта фашистты ныхмæ 103-æм мысанæхсæн батальоны хыгъды. Уæззау цæфы фæстæ ссыди йæ фыдыуæзæгмæ. Хорзæхгонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 2-æм къæпхæны орденæй æмæ 10 майданæй. Се хсæн: «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй», «Германийыл уæлахизы тыххæй», «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» æмæ «Æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй». Ивгъуыд аз майы та йын кадджын уавæры радтой «Ирыстоны Намысы» майдан. Зæнджиаты Валерийы Цæгат Ирыстоны зонынц æрмæст куыд хæсты хъæбатыры нæ, фæлæ ма куыд аивады ирд архайæджы. Разамынд лæвæрдта Садоны шахтерты зард æмæ кафты ансамблæн. Уый ивгъуыд æнусы 60-йæм азты хъуыстгонд уыди Советон Цæдисы алы рæтты. 104 аздзыд хæствæллад хистæр у Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, Алагиры кадджын цæрæг. Битарты Вячеслав раарфæ кодта уæлдæр категорийы дохтыр Кудзаты Хъазыбегæн, ахæм æргом кæй здахы, æмæ кæй ауды йæ рынчынтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania