филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 28 сентября 2024
17 февраля 2020, 12:35
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд флеш-моб, Персаты Арнеллæйæн баххуыс кæныны тыххæй

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй Арнеллæ рынчын у стæм низæй

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд флеш-моб, Персаты Арнеллæйæн баххуыс кæныны тыххæй. Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй Арнеллæ рынчын у стæм низæй. Хъæрзы, спинальная мышечная атрофия кæй хонынц, ахæм низы дыккаг къæпхæнæй. Цæмæй йæ сдзæбæх кæной, уый тыххæй гыццыл чызгæн хъæуы сæрмагонд препарат самал кæнын. Йæ аргъ у 2 милуан долларæй фылдæр. Уæрæсейы ахæм хос нæй. Препарат ахадгæ у, цалынмæ сывæллоныл 2 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ. Арнеллæйæн ма рæстæг ис æрмæстдæр 3 мæйы. Фæрæзты фылдæр хай, хъыгагæн, нæма сæмбырд ис, фæлæ гыццыл чызджы ныййарджыты бæллиц сæххæст кæнæн ис иумæ. Хъæуы фæрæзтæ арвитын æфснайæн банчы сæрмагонд хыгъдмæ. Ныртæккæ йæ уынут уæ экрантыл  – 5469 6000 3547 6555. Кæнæ та æхца арвитæн ис чырæ телефоны номыры уылты: +79780561484, Баситы Дианæ, Вадимы чызг. Æмæ уæд Арнеллæйæн иууылдæр иумæ баххуыс кæндзыстæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania