филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:11 суббота, 28 сентября 2024
19 февраля 2020, 12:48
Дзусты Ибрагимы уынджы раздæры æмдзæрæны бæстыхайы ныртæккæ ис хи фатертæ

Фатерты афтæ уазал у, æмæ цыфæнды хъармгæнæнтæй дæр нæ тæфсынц

Адæм хъаст кæнынц сæ царды уавæртæй. Дзусты Ибрагимы уынджы раздæры æмдзæрæны бæстыхайы ныртæккæ ис хи фатертæ. Фæлæ дзы адæмæн æмбæлгæ уавæртæ нæй. Фатерты афтæ уазал у, æмæ цыфæнды хъармгæнæнтæй дæр нæ тæфсынц. Ахæм уавæры сты 10 азæй фылдæр. Сæ аххосаг цы у, æмæ сын зæрдæ цæмæй бавæрдтой, уый тыххæй нæ программæйы дарддæры æрмæг.

Абайты Маринæ фатер балхæныны тыххæй æхца æмбырд кодта 10-гай азты. Фæлæ йын уæддæр йæ ныййарджытæ куы нæ баххуыс кодтаиккой, уæд хъуыддагæй ницы рауадаид. Иумæйагæй цы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уыдонын сфаг сты æрмæстдæр иу уатæн, уый дæр æнæ цалцæгæй, стæй горæты кæрон. Маринæ ууыл дæр цин кодта, кæд гыццыл фатер у, уæддæр йæхи, зæгъгæ. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Зымæджы ралæудимæ Маринæ базыдта, хæдзар бирæ азты кæй нæ хъарм кæны, уый.

Абайты Маринæ æрзылди æппæт бæрнон куыстуæттыл дæр. Фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй нæ базмæлыд.

Гæбуты Ренатæ дæр уазал хæдзары  фатер балхæдта 8 азы размæ.

Цæрджытæ цы кæной, æмæ сæ хъас кæдæм ахæссой, уый нал зонынц. Уæвгæ хъарм хæдзармæ цæуы, фæлæ коммуникацитæ ахæм зæронд сты, æмæ фатертæн нæ хæццæ кæны. Уыимæ, комуналон лæггæдты хыгъдæ рæзынц. Абайты Маринæ газы плита æмæ хъармгæнæн æппындæр нæ хуыссын кæны. Фæлæ уæддæр фаатеры температурæ у 0 градусæй бындæр. Стъол хостæй цух не ййафы, зæгъы фатеры хицау.

Адæм сфæнд кодтой сæ хъаст прокуратурæмæ бахæссын.

Хатдзæгтæм гæсгæ, фарста алыг кæнæн ис. Фæлæ æрмæстдæр иумæйагæй æмæ афоныл хæстæ бафидгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania