филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 суббота, 28 сентября 2024
26 февраля 2020, 12:40
Амалхъомдзинæдмæ йе ргом æрæджы чи аздæхта, уыдонæн республикæйы экономикон рæзты министрад кæны æххуыс

Бæлвырддæр та сын дæттынц гранттæ

Амалхъомдзинæдмæ йе ргом æрæджы чи аздæхта, уыдонæн республикæйы экономикон рæзты министрад кæны æххуыс. Бæлвырддæр та сын дæттынц гранттæ. Уыцы æххуысыл йæ зæрдæ дарыны бон у, хъалонисæн оргæнты 12 мæйы размæ йæхи хыгъды чи сæвæрдта, ахæм амалхъом адæмæн æмæ организацитæн. Уыимæ сын, бюджеты раз хъуамæ хæстæ ма уа. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ фæфылдæр фæрæзты фонд

Скъолайы уæлæдарæсæй райдыдта йæ архайд. Гониты Алинæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ у юрист, фæлæ йæ бæллиц та уыд хуыйæг.  Æмæ йын уайгæ дæр кодта. Адæмæм цыдысты алы хуызон уæлæдарæс хуыйынмæ. Иу ахæм сыхаг скъолайы бафæндыд ахуырдзаутæн национ хæдæттæ бахуыйы æмæ уырдыгæй райдыдта Алинæйы амалхъомдзинад.

«Ирон хадон» лæппуыйы кæны хæрзконддæр, бæзæрхыг æмæ йын фтауы йæ фидауцыл. Абоны хæдæттæ, кæй зæгъынæй хъæуы, хицæн кæнынц нæ рагфыдæлты уæлæдарæсæй, фæлæ æнæмæнг сæ иу кæнынц æгънæджытæ. Сæ сугдзинад сеппæт нæ зонынц, зæгъы Алинæ. Уый йæ базыдта, æмæ сæ фæрцы рамбылдта Грант. Фæрæзтæй ма балхæндзæн хуыйæн машинæтæ æмæ фæуæрæхдæр кæндзæн йæ архайд. Уыдзæн дзы куысты бынæттæ дæр.

Гæззаты бинонты дæр бафæндыд хи хъару равдисын æмæ нæ фæрæдыдысты, сæ хæдзары скодтой кæрдæджытæй цай æмбырд кæныны куыстуат. Уимæ ма райстой паддзахадон æххуыс дæр. 

Хохы бæрзæнды æмбырд кæнынц алы хуызон кæрдæджытæ, гагатæ æмæ сæ скæнынц цай. Ныронг сæ зонындзинæдты тыххæй зыдтой æрмæст хæстæджытæ, сыхæгтæ, зонгæтæ. Ныр сæ архайд фæпарахат кодтой æмæ сæ продукци уæй кæнынц стыр базаргæнæнты дæр. Агурынц сæ социалон хызæгты дæр.  

Йæхи паддзахадон æххуысы  программæйы кæй фæнды бафæлварæн, уыдонæн нырма ис рæстæг. уый тыххæй та хъæуы цымыдиссаг проект саразын æмæ цалдæр фæткы сæххæст кæнын. Министрады зæгъынц фæфылдæр фæрæзты фонд. кæд фарон æххуысы иумæйаг бæрц уыд 3 милуаны, уæд ацы аз та 5. Уый та ууыл дзурæг у æмæ фадат ис проект царды рауадынæн фылдæр фæрæзтæ райсын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania