филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 суббота, 28 сентября 2024
27 февраля 2020, 13:05
7-аздзыд Анна Афанасьева дисы фтауы йе мгæртты, хæстæджыты æмæ æмбæлтты

Аннæйæн саккаг кодтой сфæлдыстадон ерысы фыццаг бынат

7-аздзыд Анна Афанасьева дисы фтауы йе мгæртты, хæстæджыты æмæ æмбæлтты. Уарзы ныв кæнын. Уыимæ фылдæр æвзары æрдзы нывтæ. Сæйрагдæр у уд рæсугъд æнкъарæнтæй хъæздыг кæнын. Æрмæст афтæмæй ис нывкæнынады бæрзæндтæм схизын. Ныр 3 азы дæргъы зонгæ кæны ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Ахæм æрмдзæф æнæ бафиппайгæ нæ фесты æппæтадæмон конкурсы жюрийы уæнгтæ. Аннæйæн саккаг кодтой сфæлдыстадон ерысы фыццаг бынат. Уымæй дарддæр ма ис цалдæр кады гæххæтты æмæ арфæйы фыстæджы. Æрыгон чызг йæ фидæн бæтты нывкæнынадимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Миддунейы æнкъарæнтæ ахорæнтæй равдисын, уый сфæлдыстады у ахсджиаг, зæгъы 7-аздзыд Анна Афанасьева. 3 азы чызг ахуыр кæны аивадон нывкæнынадыл æмæ йын уайгæ дæр кæны.

Нывкæнынадмæ йæм йæхи уынынад кæй ис, æмæ ахорæнтæ хорз кæй æвзары, уымæ гæсгæ сывæллæтты нывкæнынады  æппæтадæмон конкурсы жюрийы уæнгтæ  Аннæйы куыстытæ банымадтой хуыздæрыл æмæ йын саккаг кодтой фыццаг бынат. Фантастикон галактикæйы темæйы равдыста йæхи. Хонгæ та йæ скодта   «Космический танец ангела».

3 азы цы ныфтæ скодта, уыдонæй бирæтæ хорзæхгонд æрцыдысты дипломтæй æмæ кады гæххæттытæй. Йæ ахуыргæнджыты хъуыдымæ гæсгæ Аннæмæ ис стыр курдиат.

Иннæ аз чызг бацæудзæн 1-æм къласмæ. Æмæ йæ ныййарджытæ хъуыды кæнынц, цæмæй йæ радтой аивадон скъоламæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania