филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
02 марта 2020, 12:32
Фæндаггон службæ «Ирдорстрой»-йы кусджытæ фæндæгты былтæ сыгъдæг кæнынц Раздзогмæ бацæуæны

2 км фæзуатмæ ныридæгæн базылдысты Цæлыккмæ хæстæг дæр

Национ проект æххæстгæнгæйæ, 2020-æм азы хъуамæ цалцæггонд æрцæуой регионалон фæндæгты 53 км, 43 км та горæты уынгты фæндæгтæ. Бирæ объектты куыстытæ райдыдтой. Фæндаггон службæ «Ирдорстрой»-йы кусджытæ фæндæгты былтæ сыгъдæг кæнынц Раздзогмæ бацæуæны. Калынц хус бæлæстæ æмæ къутæртæ. 2 км фæзуатмæ ныридæгæн  базылдысты Цæлыккмæ хæстæг дæр. Слæгъз дзы кодтой фæндæгтæ. Кусджыты къордæн разамынд дæтты Пухаты Эльбрус. Йе ххуысы хай сын хæссы Цæлыччы разамынд дæр. Фæндаггон куыстытæ æххæстгæнгæйæ, специалисттæ базылдысты дондзæуæн хæтæлтæм дæр, цæмæй та хъæуы цæрджытæ,  фаронау, тыхджын къæвдатæй хъагдæрд ма баййафой, уый тыххæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй 2-3 къуыримæ трассæ уыдзæни аив, хус бæлæстæ иууылдæр калд æрцæудзысты. Уый фæстæ фæндаггон службæ райдайдзæн фæндаг ног асфальт æвæрынмæ цæттæ кæнын. Куыстытæ иууылдæр фæуыдзысты ацы азы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania