филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 воскресенье, 29 сентября 2024
03 марта 2020, 13:15
Дзӕуджыхъӕуы арӕзт ӕрцыд ныййарджыты иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны бон

Ацы хатт ныййарджытӕ сӕ зонындзинӕдтӕ равдыстой историйӕ

Дзӕуджыхъӕуы арӕзт ӕрцыд ныййарджыты иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны бон. Ӕппӕтуӕрӕсеон акци фӕцӕуы ныр 4-ӕм аз. Ацы хатт ныййарджытӕ сӕ зонындзинӕдтӕ равдыстой историйӕ. Ахсджиаг уыд фӕлварӕны ӕмвӕзад сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ ма раст психологон ахастдзинӕдтӕ равдисын. Дӕнцӕгӕй бамбарын кӕнын, иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн цы у, уый. Хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн лӕвӕрдтой 30 минуты онг. Историйӕ фӕлварӕн лӕвӕрдтой министрадты ӕмӕ ведомствоты разамонджытӕ. Се хсӕн Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, ахуырады министр Людмила Башарина, нациты хсӕн ахастдзинӕдты фарстаты фӕдыл министр Цуциты Аслан, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан, сывӕллоны бартӕ хъахъхъӕнӕг Кокайты Артур. Раздӕр ахӕм фӕлварӕн радтой республикӕйы районты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania