Битарты Вячеслав бахæс кодта, Алагиры доны системæ снывыл кæныны фæдыл саразын бæлвырд куысты фæтк. Куыд бафиппайдта, афтæмæй бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц донæмбырдгæнæн «Южный»-ы царды хос кæй нæ фаг кæны. Ахæм уавæры æргом здахын хъæуы уæлæмхасæн донгуырæнтæм æмæ уæлдай цæстдард цæуы горæты куыстуæтты цур цы суадæттæ ис, уыдонмæ. Афтæ бынæттон дзулфыцæн заводы дыууæ донгурæнæй иуы баивтой йæ хæйттæ æмæ сыгъдæгæй цæуы донуарæн бынатмæ. Ныртæккæ архайынц дыккаг донгуырæн скусын кæныныл. Рады та ма 3 суадоны, уыдонимæ артаджы станцæйы æмæ æхсыры заводы фæзуатты. Фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ уый фарста нæ лыг кæны. Битарты Вячеслав хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег æмæ Таматы Майрæнæн бахæс кодта æвæстиатæй æрбахонын гидрогеологты. Хъæуы сног кæнын сыгъдæг доны æвæрæнты тыххæй информаци æмæ йæ адæммæ æнæкъуылымпытæй куыдæй хæццæ кæнæн æй ис, уый.




