Куыстытæ ныридæгæн райдыдтой дыууæ объекты
Национ проект «Хидтæ æмæ фæндæгтæ» æххæстгæнгæйæ, республикæйы нысан кæнынц æртæ хиды рацаразын. Куыстытæ ныридæгæн райдыдтой дыууæ объекты. Иу дзы ис Камбилеевскæйы уылты Мæздæг-Черменыхъæу-Дзæуджыхъæуы фæндаджы 78-æм километрыл, иннæ та — Октябрьскæ — Тарскæйы фæндаджы 9-æм километрыл. Специалисттæ аивдзысты хидты цæджындзтæ. Уыдон арæзт æрцыдысты ивгъуыд æнусы 50-йæм азты, æмæ ныр æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал дæттынц. Уæлдай тæссагдæр сты уæзласæн машинæтæн. Черменыхъæумæ бацæуæны хидæн дæр бындур æвæрд цæуы йæ цæджындзтæн. Ам уыдзæни ног хид, йæ дæргъ уыдзæни 41 метры. Ивд æрцæудзæн йæ цуры фæндаджы хай дæр. Нырмæ бынтон æдас нæ уыди. Куыстытæ тагъд райдайдзысты Тарскæмæ бацæуæны дæр. Ам дæр фæзындзæни 23 метры дæргъæн ног хид. Арæзтадон куысытæ иууылдæр куы фæуой, уæд фæндаджы ацы уаццагтæ суыдзысты æдасдæр æмæ райдзастдæр.




