Национ проект «Демографи»-мæ хаст проект «Спорт – норма жизни» хъуамæ кусын райдайа 2021-æм азы кæронмæ
Æрыдоны аразынц, 125 бынаты кæм уыдзæн, ахæм спортивон комплекс. Национ проект «Демографи»-мæ хаст проект «Спорт – норма жизни» хъуамæ кусын райдайа 2021-æм азы кæронмæ. Фондз мин квадратон метры фæзуатыл дзы уыдзæн дыууæуæладзыгон бæстыхай. Аразæн дзы уыдзæн ахуырадон тренировкæтæ æмæ культурон мадзæлттæ, архайдзысты дзы спорты алы хуызтæм гæсгæ спортивон секцитæ. Комплексы ма сараздзысты хъæбысæйхæцджыты зал. Уыимæ боксæй, рог æмæ уæззау атлетикæйæ, теннис æмæ аэробикæйæ архайынæн гæнæнтæ. Йæ кæрты та фæзындзæн футболон æмæ спортивон фæзтæ, стæй теннисæй хъазæн корт. Æрыдоны быныттон администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы аз объекты арæзтадæн федералон бюджетæй радих кодтой 229 милуан сомы.