филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:16 суббота, 28 сентября 2024
09 апреля 2020, 15:49
Тæмисчъы скъоладзаутæ ацæуынц сыхаг хъæутæм, хæдзармæ куыст бакæнынмæ

Ахуырдзаутæн нæй интернет

6-æм апрелæй фæстæмæ республикæйы æппæт скъолатæ рахызтысты дардмæ ахуырадмæ. Афтæмæй ахуырдзаутæ кæнынц сæ уроктæ, цæуынц тесттæ, бæлвырддæр та – зонындзинæдтæ исынц онлайн-бастдзинады хуызы. Фæлæ уый бирæтæм сæвæзрын кодта зындзинæдтæ. Зæгъæм – Тæмисчъы цæрджытæм. Скъоладзаутæн æндæр гæнæн нæй, æмæ ацæуынц сыхаг хъæутæм, хæдзармæ куыст бакæнынмæ.

Мобилон бастдзинад агургæйæ, ныххæццæ уæвæн ис суанг Алагирмæ. Интернеты тыххæй Тæмисчъы æрмæстдæр хъусгæ цы фæкодтой, æндæр ницы. Ам æдæппæтæй цæры 30 бинонтæ, алкæцыйы дæр дзы ис сывæллæттæ. Карантины рæстæг республикæйы скъолатæ иууылдæр дардмæ ахуырадмæ куы раздæхтысты, уæд ацы хъæуы скъоладзаутæн ахæм фадат уæвгæ дæр нæй.

Фыццаг къласы ахуырдзау Земæ æнæнхъæлæджы каникулты рæстæг сæнкъард скъолайы ахуыртыл. Хæдзармæ куыст ын æрбарвиты йæ ахуыргæнæг, фæлæ æххæст уроктæ скæнын сæ бон нæу. Чызгæн æххуыс кæны йæ нана. Нартыхты Еленæйæн ма ноджыдæр ис иу кæстæры кæстæр. Фæлæ уый бахъуыди Тæмискъæй ацæуын, цæмæй йæ ахуыр æххæст кæна.

Фидæны ирвæзынгæнæгæн ахуыры æнæрлæугæ процесс у тынг ахсджиаг. 16 аздзыд Георгий æрвылбондæр компьютеры цур бады цалдæргай сахаттæ.  Ахуыр кæны 5-æм училищæйы. Ныридæнгæн ын ис бирæ хорз хъуыддæгтæ. Фарон сæрды Георгий фервæзын кодта, доны станцæйы чи фæцæйныгъуылди, ахæм адæймаджы. Фæстæдæр баххуыс кодта, уынджы йæхи æвзæр чи æнкъардта, ахæм нæлгоймагæн. Фæкæсынхъуаг адæймаджы уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсы, уый тыххæй цалдæр хатты æрцыди хорзæхгонд. Ныртæккæйы сæвзæрд уавæры дæр æнцад нæ бады. Æрлæууыди волонтерты æмрæнхъ. Фæлæ йын абон баххуыс кæнын хъæуы йæхицæн.  

Республикæйы информацион технологиты æмæ бастдзинады управленийы Тæмисчъы лыггæнинаг фарстаимæ зонгæ нæ уыдысты. Ацы структурæйæн бахæс кодтой хъæутæ интернетæй сифтонг кæнын. Фæлæ, ацы æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнтæм курдиæттæ нæ уыди. Ведомствæйы цæттæ сты адæмæн баххуыс кæнынмæ.

Сæлбиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Тæмисчъы интернеты фарста лыггонд æрцæудзæн хæстæгдæр рæстæг. Уый ты ууыл дзурæг у, æмæ ахуырдзаутæн сæ ахуыры процесс нал къуылымпы кæндзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania