филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:13 суббота, 28 сентября 2024
16 апреля 2020, 16:20
Рахизфарсы районы райдыдта сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзт

Сæйраг нысан – цæмæй дзуапп дæттой æрдз хъахъхъæныны æмæ экологон закъонæвæрынады домæнтæн

Беслæны генералон пълан æххæст кæнгæйæ, Рахизфарсы районы райдыдта сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзт. Сæйраг нысан – цæмæй дзуапп дæттой æрдз хъахъхъæныны æмæ экологон закъонæвæрынады домæнтæн. Ног проектæн радих кодтой 126 милуан сомы. Объект эксплуатацийы раттынмæ хъавынц ацы азы декабры

Канализаци сыгъдæггæнæн комплексон кусæнгæрзтæ Рахизфарсы районы рагæй арæзт æрцыдысты, фæлæ сæ хæстæ не ххæст кодтой. Арæзтæдтæ, зæгъæн ис, æмæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ, кусæнгæрзтæ та бынтондæр базæронд сты. Ныртæккæ се сцалцæг кæнынæн радих кодтой 126 милуан сомы. Ног проектмæ гæсгæ, конструкциты хсæн суткæмæ цæудзæн 12 мин кубометры къанауы дæттæ.

Экологийы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныны тыххæй бацæттæ кодтой цалдæр технологон процессы. Уыдон æххæст кæнгæйæ, дæттæ сыгъдæг кæндзысты механикон æмæ биологон æгъдауæй. Фыццаджыдæр фæллойгæнджытæ баивтой бæстыхайы сæр. Уым хъуамæ сыгъдæггонд цæуа ультрафиолетæй. Ныртæккæ та райдыдтой механикон сыгъдæггæнæн бæстыхай аразын. Объект хъуамæ эксплуатацийы радтой ацы аз декабры. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады æмæ Рахизфарсы районы разамынды рдыгæй рацарæзты куыстытæм цæуы бæстон цæстдард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania