филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 воскресенье, 29 сентября 2024
21 мая 2020, 15:22
Юрий Чайка видеоконференцийы хуызы сарæзта цæрджытимæ фембæлд

Мадзалы архайдта Битарты Вячеслав

Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка видеоконференцийы хуызы сарæзта цæрджытимæ фембæлд. Мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Видеоæмбырды рæстæг æххæстбарджын минæварæн йæ курдиат фехъусын кодта нæ республикæйы цæрæг Исмаил Куразов, цæмæй бæрнон кусæг баххуыс кæна Мæздæджы районы Хъызлары ног скъола саразыны хъуыддаджы. Хъуамæ дзы уа 500 бынаты. Ныртæккæ дзы цы дыууæ скъолайы ис, уыдон сты зæронд. Уый иу, фæлæ ма дзуапп нæ дæттынц нырыккон домæнтæн, кусынц дыууæ радæй.

Битарты Вячеслав куыд бамбарын кодта, афтæмæй республикæйы разамындæн ацы фарста зонгæ у. Уый размæ йыл æрдзырдтой бынæттон цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Цы ахуыргæнæндоныл цæуы ныхас, уый хаст æрцыд, ахсджиаг социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты хыгъдмæ. Ныртæккæ фарстайыл куыст цæуы.

Мæздæджы районы администраци радих кодта зæххы хай фидæны скъолайæн. Тендеры хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кодтой, проект чи араздзæн, уый.  Æппæт æмбæлгæ проектон-сметон гæххæттытæ бацæттæ кæндзысты хæстæгдæр рæстæг, – загъта регионы разамонæг. Ног скъолайы арæзтад нысан кæнынц Паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-мæ гæсгæ. Хаст æрцыд федералон проект «Нырыккон скъола»-мæ.

Арæзтад хъуамæ райадайа ацы азы дыккаг æмбисы, эксплуатацийы та йæ ратдзысты 2021-æм азы кæрон. Хатдзæгтæ кæнгæйæ, Юрий Чайка загъта, æппæт хъуыддæгтæм дæр йæхæдæг кæй кæсдзæн æмæ сæ царды рауадзынæн æххуыс кæндзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania