05 ноября 2020, 12:51
Беслæны чъизидæттæ сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны
Ацы проект у Беслæны райрæзты генералон пъланмæ хаст проекттæй иу
Беслæны чъизидæттæ сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны. Проект сæххæст кæнынæн радих кодтой 126 милуан сомы. Кусæнгæрзтæ ифтонг æрцыдысты, хæстæгдæр рæстæг сæ райдайдзысты фæлварын. Ацы проект у Беслæны райрæзты генералон пъланмæ хаст проекттæй иу. Ацы аз февралы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн бæстæйы президент Владимир Путинимæ цы фембæлд уыд, уым Беслæны егъау райрæзтыл цыд хицæн ныхас.




