филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
11 ноября 2020, 12:48
Алагиры районы райдыдтой Зруджы аргъуаны рацарæзты куыстытæ

Федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæн банывыл кæндзысты, Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонмæ

Алагиры районы райдыдтой Уæрæсейы рагондæр чырыстон дины историон цыртдзæвæнтæй иу – Зруджы аргъуаны рацарæзты куыстытæ. Федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæн банывыл кæндзысты, Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонмæ. Хæххон уавæрты цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Зруджы 11-æм æнусы кæй сарæзтой, уыцы аргъуан абарæн ницæимæ ис. Уыимæ канд йæ азтæм гæсгæ нæ. Кæд æмæ арæзтадæн йæ фылдар хай ныккалди, уæддæр диссагæн æнæхъæнæй баззад йæ кувæн фарс. Ам мин азы размæ цыдысты хуыцауы номыл аргъуыдтæ. Дзуары бынатмæ уырнæг адæм æрбацæуынц ныртæккæ дæр.
Хозитæ, Бирæгътæ, Таугазтæ, Гусалтæ. Ацы мыггæгты минæвæрттæ ам цардысты бирæ æнусты размæ. Традицион куывд скодтой аргъуаны цур. Ацы зæхх райгуырæн кæмæн у, уыдоны фæдонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй аргъуан кæлын раджы райдыдта. Уымæ гæсгæ курынц, цæмæй рацарæзты куыстытæ кæронмæ куыд æмбæлы, афтæ конд æрцæуой.
Ацы аргъуан хицæн кæны йæ архитектурæйæ. Классикон византийаг хуыз. Ныр дæр дзы зынынц нывæфтыдты фæдтæ. Рацарæзты фæстæ, федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæнæн йæ бон уыдзæн, ЮНЕСКОйы æппæтдунеон хæзнаты объекты ном райсын. Цымыдисаг хъуыддаг ма у уый, æмæ йæ арæзтады рæстæг пайда кодтой стæм æрмæгæй.
Аргъуан кæлын кæй райдыдта, уымæн йæ аххосаг у – йæ рæзты цæугæдоны былгæрæттæ хæрд кæй æрцыдысты, уый. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у былгæрон сфидар кæнын. Куыстытæн дзуапп дæтты рацарæзты компани «Скифос-РСК». Уæдæ сæм се вæрæн хæссынц иннæ къабæзты фæлтæрдджын специалисттæ дæр.
Афæдзы кæронмæ ма нысан кæнынц былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ бакæнын. Алцыдæр цæуы проектмæ гæсгæ. Зæгъæн ис, æмæ алы къахдзæф дæр фыст æрцыд документы. Объект бахъахъхъæнынмæ æмæ куыстыты хæрзхъæддзинадмæ зæрдæ не хсайдзæн, зæгъынц специалисттæ. Аргъуан сног кæныны архайд райдайдзæн 2021-æм азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania