Ныхас дзы цыд медицинон хостæй æмæ рынчындæтты бынæттæй ифтондзинадыл
Ног хæцгæниз парахат кæнын ма бауадзыны фæдыл арæзт æрцыд оперативон штабы радон æмбырд. Ныхас дзы цыд медицинон хостæй æмæ рынчындæтты бынæттæй ифтондзинадыл. Æмбырд амыдта республикæйы сæрглæууæг Битарты Вячеслав. Архайдтой дзы республикæйы хицауады уæнгтæ. Сæйраг дохтыртæ радзырдтой абоны уавæры тыххæй, цы куыст цæуы. Кæд рынчынты нымæц алы бон фылдæр кæны, уæддæр архайынц низимæ тох кæныныл. Æрвылбон æлхæд цæуынц хъæугæ хостæ æмæ фылдæр кæнынц хуыссæнуæттæ.
16-æм ноябрæй фæстæмæ кусын райдыдтой ахуыргæнæндæттæ æмæ санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ сæ цæст дардзысты специалисттæ. Сывæллæтты рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат куыд загъта, афтæмæй сывæллæтты хсæн афтæ бирæ рынчынтæ нæй.
Республикæйы сæргълæууæг, Битарты Вячеслав профилон организацитæн бабар кодта, цæмæй ацы фарстамæ лæмбынæг сæ цæст дарой æмæ йын уавæры тыххæй хъусын кæной.




