филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 суббота, 28 сентября 2024
26 ноября 2020, 12:06
Дзæуджыхъæуы Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъолайы бындурыл 2021 азы фæзындзæнис мæйыл цæуæн

Ахæм лæвар ракæнын республикæйы скъоладзаутæн ахуыргонд фæнд кæны космонавтикæйы æппæтдунеон бонмæ

Дзæуджыхъæуы Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъолайы бындурыл 2021 азы фæзындзæнис мæйыл цæуæн. Аппарат саразыныл ныртæккæ кусы конструктор Къомайты Руслан. Ахæм лæвар ракæнын республикæйы скъоладзаутæн ахуыргонд фæнд кæны космонавтикæйы æппæтдунеон бонмæ. Уыцы æмæ æндæр фарстатыл дзырдтой Къомайты Руслан æмæ Битарты Вячеслав кусæг фембæлды рæстæг.

Къомайты Руслан куыд загъта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы планетарий æмæ Космонавтикæйы скъола уарзон бынæттæ систы нæ республикæйы хистæркъласонтæн. Арæх уырдæм экскурсийы æрбацæуынц иннæ регионтæй скъоладзаутæ дæр. Хъуыдыйаг у уый дæр, æмæ космонавтты центрæн Уæрæсейы æмбал нæй. Космос æмæ космосон техникæйы тыххæй зонындзинæдтæ сывæллæттæ исынц сæрмагонд ифтонгарзы фæрцы, дæсны ахуыргæнджыты æххуысæй. Къомайты Руслан республикæйы разамонæгæн радзырдта, ахуыргæнæндоны фæткы, стæй сæ размæ æвæрд нысанты тыххæй.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, скъолайы ис бирæ сæрæн æмæ курдиатджын сывæллæттæ, уыдонæй бирæтимæ хъæуы хицæнæй бакусын. Битариты Вячеслав Къомайы-фыртæн бузныг загъта йæ удахаст æмæ йе стыр бавæрæны тыххæй рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Уымæй уæлдай йын зæрдæ бавæрдта, республикæйы разамынд дарддæр кæй архайдзæнис фæсивæды космонавтикæмæ æмхиц кæныны хъуыддаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 2017 азы Битарты Вячеслав рахæцыдис конструктор Къомайты Русланы хъæппæрисы фарс æмæ сразы ис Дзæуджыхъæуы Планетарий рацаразыныл. Космонавтон центр кадджын уавæры байгом ацы аз февралы. Планетарийæ уæлдай дзы ис космонавтикæйы скъола дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania