Снысан æй кодтой æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæгæй.
Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыди Хидирты Батразимæ. Снысан æй кодтой æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæгæй. Республикæйы Сæргълæууæг ын бузныг загъта Æрæфы районы рæзтмæ цы вæрæн бахаста, уый тыххæй. Æмæ йын йæ зæрдæ загъта ног æнтыстдзинæдтæ. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ Хидирты Вячеслав йæхи равдыста бæрноно æмæ æууæнкджын разамонæгæй. Уымæ гæсгæ йын бахæс кодтой министрады сæргъы æрлæууын. Амæй размæйы министр Мамиаты Чермен дæр хорз æвæрæн бахаста ахадгæ куыстмæ. Амæй фæстæмæ дæр куыст хъуамæ цæуа æнæкъуылымпыйæ, æмæ лыггонд цæуой ахсджиаг фарстатæ. Ам сæйрагдæр у республикæйы экологон æдасдзинад фидар кæнын, æмбал кæмæн нæй, ахæм æрдзон æвæрæнтæй ахадгæйæ пайда кæнын, загъта Битарты Вячеслав. Хидирты Батраз йæхи рдыгæй бузныг загъта, ахæм бæрнон хъуыддаг ыл кæй баууæндыдысты, уый тыххæй. Фембæлды рæстæг æрныхас кодтой фидæнмæ куысты пъланыл дæр. Стыр æргом хъуамæ здæх æрцæуа национ проект «Экологи» царды уадзыны хъуыддагмæ.




