Афтæмæй аудынц æрдзы сыгъдæгдзинадыл
Республикæйы экологон активисттæ ног цард дæттынц зæронд дзаумæттæн. Афтæмæй аудынц æрдзы сыгъдæгдзинадыл. Раст пайда кæныны культурæмæ адæммæ хорз цæстæнгас ис. Дзæуджыхъæуы кусы зæронд æнæхъæугæ дзаумæттæ æмбырд кæныны цалдæр пункты. Экологон активисттæ сæ пайда кæнынц цалдæр хуызы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Дзаумæттæн дыккаг цард дæттын, куыд цардмæ бæрнон зондахаст. Бырондонмæ арвитыны бæсты дизайнер Тэка Бандуровайы къухты æнæхъæугæ дзаумæттæн фæзыны ног хуыз æмæ та аив кæнынмæ цæттæ сты. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы проект «Хурсаг»-мæ гæсгæ.
Тэка куыд зæгъы, афтæмæй уыдон бырæттæ не сты, фæлæ æрмæг, æмæ йемæ ис кусæн. Кæй фæнды, уыдонæй алкæмæндæр ис, æнæхъæугæ дзаумæттæй суæгъд уæвыны гæнæн, ма сæ аппаргæйæ.
Активисттæ акциты хатдзæгтæм гæсгæ цы дзаумæттæ райсынц, уыдонæй пайда кæнынц 3 хуызы. Иутæ радтынц фæкæсынхъуаг адæмæн, иннæтæ арвитынц æндæр горæтмæ, цæмæй семæ бакусой. Фæлæ æппæтæй хуыздæр у, зæгъæм, æнæхъæугæ стъолæмбæрзæнæй рæсугъд болеро куы рауайы, уый.
Ахæм культурæ сындæггай парахат кæны. Зæгъæм, ацы фæлындæнтæ конд сты пырх тæбæгътæй. Фарфор бырондонмæ аппарыны бæсты, æрмдæсны дзы скодта ахæм аив дзаумæттæ. æмæ предмет дарддæр лæггад кæндзæн адæмæн. Тэка куыд зæгъы, афтæмæй иумæйаг хъарутæй бирæ цыдæртæ ис скæнын.
Нырыккон дунейы пайда кæныны культурæ хъуамæ ма хиза бæрнон зондахасты сæрты. Рæсугъд дзаумæттæ æлхæнгæйæ, нæ хъæуы рох кæнын ауæрдгæ цæстдард сæм кæй хъуамæ уа, уыимæ та æппæт зæххы къорийы цæрджытæм дæр.




