22 декабря 2020, 11:49
Тырмоны фæдзæхст ранмæ æрбаластой 4 саджы
Сарæзтой сын æппæт хъæугæ уавæртæ
Дыгуры район та фæхъæздыгдæр уæздан цæрæгойтæй. Тырмоны фæдзæхст ранмæ æрбаластой 4 саджы. Сарæзтой сын æппæт хъæугæ уавæртæ. Тагъд хъуамæ бынæттон климат æмæ æрдзыл фæцахуыр уой. Сагты сластой Ростовы областæй. Социалон-экологон акци сарæзта республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад. Ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц 2017-æм азæй фæстæмæ, сæ нысан у сагты нымæц республикæйы фæфылдæр кæнын. Сагтæ дардзысты æрдзмæ хæстæг уавæрты. Уымæ гæсгæ сын æнцондæр уыдзæн æрбынат кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæмæ æртæ азмæ ласт æрцыд 55 саджы.




