филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:06 вторник, 17 марта 2026
12 января 2021, 11:43
11-æм æнусы Мамысонгомы цы чырыстон аргъуан фæзынд, уый рацарæзт райдайдзæн ацы аз

Куыстытæ цæудзысты, Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилейон мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ

11-æм æнусы Мамысонгомы цы чырыстон аргъуан фæзынд, уый рацарæзт райдайдзæн ацы аз. Куыстытæ цæудзысты, Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилейон мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ. Аразджытæ фæнд кæнынц бæстон аивгæнæн куыстытæ бакæнын, цæмæй объектæн йæ раздæры хуыз раздахой, уый тыххæй. Уымæй дарддæр аргъуаны сæрмæ фæнд кæнынц рог æфсæйнаг инсталляци скæнын, фæлæ кæронбæттæн уынаффæ рахæсдзысты рацарæзты куыстыты фæстæ. Тæссаг куы уой, цыртдзæвæн бахъахъхъæнынæн, уæд æй нæ сæххæст кæндзысты. Ныртæкккæ аргъуанæй баззад æрмæстдæр йæ къулты кæцыдæр хай, 3 метры бæрзæндæн, ныгуылæн фарсы рдыгæй та сты 5 метры онг. Рацарæзты куыстытæ æххæст кæнгæйæ, аргъуан хъахъхъæд æрцæудзæн фехæлынæй. Бæлвырддæр та ам фæнд кæнынц ахадгæ дондзæуæн системæ саразын, стæй обауы æмвæзад фæныллæгдæр кæнын. Рацарæзты куыстытæ нысан кæнынц 2022-æм азы декабры фæуын. Базилдзысты алфамбылай территоримæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania