Мадзал арæзт уыд станицæйы скъолайы, архайдтой дзы хъазахъхъæгты иугæндты разамонджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ
Мæздæджы районы станицæ Терскæйы сертификаттæ радтой æппæтуæрæсеон хъазæхъхъæгты диктанты архайджытæн. Мадзал арæзт уыд станицæйы скъолайы, архайдтой дзы хъазахъхъæгты иугæндты разамонджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Рухстауæн акци Мæздæджы районы арæзт уыд Национ культурон æхсæнад «Русь», районы хъазахъхъæгты æхсæнад æмæ Мæздæджы Хæлардзинады хæдзары иумæйаг хъæппæрисæй. Уыд уыд фыццаг хатт, фæлæ йæ аразджытæ зæрдæ æвæрынц æрвылазон кæй уыдзæн, уымæй. Йæ сæйраг нысан у хъазахъхъæгты культурæ æмæ традицитæ парахат кæнын, скъоладзауты ахуыр кæнын историимæ, сæ удварн сын хъæздыгдæр кæнын. Ахуырадон акци рæзгæ фæлтæрæн фадат дæтты райгуырæн бæстæ хуыздæр базонынæн, Теркаг хъазахъхъаг æфсады истори æмæ йæ нырыккон цард. Хуыздæртæн лæвæрд æрцыдысты Æппæтуæрæсеон хъазахъхъæгты æхсæнады сертификаттæ. Мæздæджы Хæлардзинады хæдзары кады гæххæттытæ, стæй национ культурон æхсæнад «Русь»-ы номæй та райстой ахуыргæнæн чингуытæ «Казачество в истории Северной Осетии».