Сæрмагонд аргъуыды фæстæ бирæты бафæнды аргъуыд доны бацæуын
Чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу — Доныскъæфæнтæ. Ацы бæрæгбонимæ баст сты цалдæр традицийы. Сæрмагонд аргъуыды фæстæ бирæты бафæнды аргъуыд доны бацæуын. Аргъуаны фæткмæ гæсгæ уый æнæмæнг хъуыддаг нæу. Ацы хатт Дзæуджыхъæуы ахæм мадзæлттæ нæ уыдзысты. Уæвгæ, ацы традици адæмæн сæхицæй рацыд. Æвдисынц дзы се стыр æууæнкдзинад, стæй буар æмæ удыхъæдæй фидардзинад. Рагацау арæзт æрцæуынц уавæртæ, цæмæй доныскъæфæнты рæстæг адæм æнцонтæй бацæуой доны æмæ сæхиуыл сыгъдæгзæрдæйæ дзуарттæ бафтауой. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æхсæвы кусынц карздæр фæткмæ гæсгæ. Дыууæ мины æмæ фондз сæдæ адæймагæй фылдæр цæст дарынц æхсæнадон бынæттæм Доныскъæфæнты рæстæг. Мадзæлттæ цæуынц 36 аргъуаны, республикæйы 26 хъæуы. Уыимæ ма 7 найæн бынаты. Уæлдай æргом здæхт æрцыд, æппæтæй фылдæр уырнæг адæм кæм вæййы, уыцы Алайнаг моладзандонмæ Куырттаты комы.




