филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:42 воскресенье, 01 февраля 2026
03 марта 2021, 13:19
Куыстуат «Кетон» бахыгъта ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ

Генералон директор хъаст кæны, куыстуат йæ бон цас у, уый бæрц кæй нæ кусы, ууыл

Куыстуат «Кетон» уадзы пленкæ. Уыимæ у бирæвæрсыг. Пайда дзы кæнынц, электротехникæ, æндадзæн лентытæ æмæ къоппытæ кæнгæйæ. Компани базарады ис 37 азы. Уыцы рæстæгмæ дзы бирæ ивддзинæдтæ æрцыди. Зæгъæм аивтой сæ куысты фæтк. Промышленнон æмæ электрон кусæнгæрзтæн пленкæ уадзынц хицæнæй. Компани бахыгъта ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ, бæлвырддæр радзырдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Гæлæбуйы базырæй рогдæр у полиэтилен æмæ терефтолатæй арæзт цъар. Завод Кетон æй аразы ивгъуыд æнусы æстайæм æзтæй. Æгас дунейы ахæм æрмæг аразынц æрмæстдæр цалдæр ран. Сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ йæ уæд аразын райдыдтой Гермайнаг специалисттæ немыцаг ифтонггарзыл. Æртæ микот

Кæддæр цы домæнтæ сфидар кодтой, уыдон æххæст кæныныл абон дæр архайынц. Ларисæ Пасичнюк куыстуаты фæллой кæны æртын æхсæз азы — куы æркуыста, уæдæй фæстæмæ.

Адæм æй лавсан хонынц. Раздæр дзы пайда кодтой хъахъхъæнынады промышленносты, ныртæккæ та дзы архайынц конденсатортæ аразгæйæ. лавсан агурынц арæзтадон компанитæ дæр. Йæ фæрцы аразынц хæрзхъæд æрмæг бæстыхæйтты сæртæ бамбæрзынæн

Цъарæй пайда кодтой хойраджы куыстуæтты дæр. Аргъ уын кæнынц, амфамблай æрдзæн зиан кæй нæ хæссы, уый тыххæй дæр. Цъар хурмæ кæронмæ бамбыйы афæдзы æрдæгмæ. Æдæппæтæй куыстуаты фæллой кæнынц æвдай адæймаджы. Уыдонæй цехы сты æртынæй. Куыстуаты пайда кæнынц автоматтæй. Адæм та дзы хъæуынц æрмæстдæр куысты фæткмæ цæст дарынæн.

Куысты цыд зыны разамынды пункты. Исты къуылымпы куы сбæрæг вæййы, уæд æй уайтагъд фены компьютер. Цъар та аразынц сæрмагонд гранулæтæй. Ласынц сæ Белоруссийæ.

Фæлæ хъыгагæн, фæстаг рæстæг æрмæг зынæй æмбæлы нæ республикæйыл.

Генералон директор хъаст кæны, куыстуат йæ бон цас у, уый бæрц кæй нæ кусы, ууыл дæр. Кетон архайы йæ тыхы фæндзай проценты. Афтæмæй та йæ продукцийæ пайда кæнынц нæ бæстæйы аст егъау куыстуаты. Конденсаторты арæзтад кæй фæмынæг, уый тыххæй цъар дæр афтæ арæх нал агурынц. Уыцы фарста та алыг кæнæн ис æрмæстдæр федералон æмвæзадыл. Фæлæ уæддæр заводы сæ зæрдæ дарынц хорзырдæм ивддзинæдтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania