филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
09 марта 2021, 12:40
ЦИПУ-йы бындурыл ацыд стоматологты форум

Мадзалы архайдтой æрмæст профилон факультетты студенттæ нæ, фæлæ Цæгат Кавказы федералон зылды дохтыртæ дæр

Æнæниз æмæ аив мидбылхудт. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты ЦИПУ-йы бындурыл ацыд стоматологты форум. Мадзалы архайдтой æрмæст профилон факультетты студенттæ нæ, фæлæ Цæгат Кавказы федералон зылды дохтыртæ дæр. Форумы архайджытæн скодтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, стæй семæ æрныхас кодтой стоматологон практикæйы барадон аспекттыл. Сæйраг фарстатæ уыдысты имплантацийы, протезтæ кæныны æмæ лазерон стоматологийы райрæзт. Равдыстой сын ног технологитæ, стæй дæндæгтæ дзæбæх кæныны нырыккон гæнæнтæ. Ацы форум фыццаг хатт нæ цæуы. Йæ нысан у стоматологты дæсныйад фæбæрзонддæр кæнын. Ацы аз ЦИПУ-йы медицинон факультеты кусджытæ форумы бавдыстой, сæхæдæг кæй æрхъуыды кодтой, ахæм проекттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania