филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
16 марта 2021, 13:35
Баллаты Владимиры райгуырдыл сæххæст 110 азы

Йæ лирикон зарджытæм ын зæрдиагæй хъусынц алы фæлтæртæ

Баллаты Владимиры райгуырдыл сæххæст 110 азы. Театр æмæ кинойы советон ирон актер. Аивадуарзджытæ йæ бахъуыды кодтой «Пæсæйы фæндон»-ы Æхсарбегæй æмæ ныфсхаст Нарты Батрадзæй. Йæ лирикон зарджытæм ын зæрдиагæй хъусынц алы фæлтæртæ. Сты Ирыстоны аивады сызгъæрин коллекцийы. Адæмон уарзондзинад, кад æмæ намысы истори иу æрмæджы æрæмбырд кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

«Мады зарæг» зонгæ у Ирыстоны алы цæрæгæн дæр. Баллаты Владимиры азард адæймаджы зæрдæмæ ма бахъара, уымæн гæнæн нæ уыд. Йе сфæлдыстад уарзон уыди алкæмæн дæр. Агънаты Земæ Баллаты Владимиримæ бакуыста бирæ азты. Мыстулаты Иринæйы фыст зарджытæ, Агънаты Земæйы дала-фæндыр, Баллаты Владимиры æнæбафæзмгæ хъæлæс, æмæ иу тексты цымæ уд бацыди, афтæ иу уыди.

Батрадзы сурæт «Нарты Батрадзы», «Чермены» – Садулæйы, «Отелло»-йы Кассиойы фæлгонц… Баллаты Владимир аивадуарзджыты уарзондæр артисттæй иу сси алывæрсыг курдиаты тыххæй. Йæ бон кусын уыди алыхуызон сурæттæ аразгæйæ, уыимæ иухуызон курдиатджынæй. Сценæйы цы бирæ сурæттæ сарæзта, уыдон Владимирмæ царды та стæм хатт хæццæ кодтой.

«Пæсæйы фæндон» Ирон театры сценæйы æвдисынц ныр 76 азы. Баллаты Владимир дзы сæххæст кодта Æхсарбеджы сурæт. Йе мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы фæлгонц тынг хæстæг уыди Владимирæн йæхимæ. Дæсгай азтæм ивд æрцыди актерты 4-æм фæлтæр, фæлæ театрдзаутæ ныры онг цымыдисæй æмæ æхсызгонæй кæсынц спектакльмæ, актерты архайдмæ.

Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Бинойнаг, фыд. Иу царды бирæ фæндæгтæ… Алкæуыл дæр сæ Баллаты Владимир ацыди кадимæ, афтæ йæ уарзон, актеры дæсныйадыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania