филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
17 марта 2021, 13:51
Ирыстоны сбæрæг кодтой Гуырдзыбеты Блашкайы райгуырды бон

Поэт фыста дыгуронау

Йæ ном рох нæу. Ирыстоны сбæрæг кодтой Гуырдзыбеты Блашкайы райгуырды бон. Поэт фыста дыгуронау. Нымад у дыгурон литературæйы бындурæвæрæгыл. Ирыстоны хистæрты фæндонмæ гæсгæ, фыццаг хатт йæ номыл Дыгургомы айхъуыст бæрæгбоны салют. Республикæйы скъолаты та сарæзтой йæ уацмысты кæстытæ. Сæ иу ацыд Æрæфы районы. Сæ саразынмæ æвæрæн бахастой Хидирты Батраз æмæ  Хъазбегты Георги. 1903-æм азы литератор рауагъта йæ уацмæсты фыццаг æмбырдгонд. 

Хаст æм æрцыд 19 æмдзæвгæйы. 1904-æм азы та  рухс федта йæ  поэмæ «Сахи рæсугъд». 37 аздзыдæй ацыд уырыссаг – япойнаг хæстмæ  æмæ фæмард.  Кадджын уавæры йæ йæ зыххы хайыл сæмбæлын кодтой йæ райгуырæн хъæу станицæ Новоосетинскæйы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Блашка хаст æрцыд ирон литературæйы хæзнадонмæ. 2018-æм азы, поэты  150 азмæ, Цæгат Ирыстоны  альпинисттæ схызтысты 3470 метры Дыгургомы æнæном хохы цъупмæ.  Æмæ йæ схуыдтой  «Пик Блашка Гурджибеков». Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы хицауад та йын йæ  хæдзар сфидар кодта республикæйы исбонады. Скæндзысты дзы поэты Хæдзар – музей.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania