филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
23 марта 2021, 13:11
Абон 140 азы æххæст кæны ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл

Райгуырдис Куырттаты комы Дæллагхъæуы

Абон 140 азы æххæст кæны ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл. Райгуырдис Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Реалон училище каст куы фæцис, уæд райдыдта йæ райгуырæн хъæуы ахуыргæнæгæй кусын. 1917-æм азы фæцис Петрограды университеты юридикон факультет æмæ æрыздæхт Дзуарыхъæумæ ахуыргæнæгæй кусынмæ. Фæстæдæр куыста Дзæуджыхъæуы рухстауынады къабазы. Елбыздыхъо стыр æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ театры райрæзтмæ. Адæмон систы йæ уацмыстæ — историон драмæ «Хазби», пьесæтæ «Уæрæседзау», «Худинаджы бæсты мæлæт» «Амыран» æмæ æндæртæ. Ирон театрдзауты цалдæр фæлтæрæн зынаргъ æмæ уарзон у йæ драмæ «Дыууæ хойы». Ирд дзы равдыста хæххон сылгоймаджы æнамонд хъысмæт. 1912-æм азы Елбыздыхъойы фарсхæцтæй Санкт-Петербурджы рацыдысты ирон журнал «Хуры тыны» æртæ номыры. Брытъиаты Елбыздыхъойы ном хæссы Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу. Драматургы ном сæнусон кодтой, Куырттаты комы цы монументалон цыртдзæвæн ис, уымæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania