филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:47 воскресенье, 01 февраля 2026
24 марта 2021, 14:07
Сындзыхъæуы скъолайы хæринаггæнæн блокыл цæуы 90 азмæ хæстæг

Хæринаггæнæн блокæй фæстæмæ ма скъолайы ис æндæр лыггæнинаг фарстатæ дæр.

Сындзыхъæуы скъолайы хæринаггæнæн блокыл цæуы 90 азмæ хæстæг. Уавæртæ дзы нормæйæ дард сты. Хæринаггæнæджы алы бон дæр фæхъæуы исты æрхъуыды кæнын, цæмæй сывæллæттæ æххормагæй ма баззайой, уый тыххæй. Хæринаггæнæн блокæй фæстæмæ ма скъолайы ис æндæр лыггæнинаг фарстатæ дæр. Зæгъæм, спортивон зал. Сæ бон бындурон цалцæгыл зæрдæ дарын у, æви нæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Рæстæг 10 сахаты æмæ 30 минуты, уый та ууыл дзурæг у, æмæ сабиты хъæуы аходæн скæнын. Райсомы хæрдæн сын абон ис карчы дзидза, урс соусимæ, стæй кас. Сывæллæттæ йæ тынг нæ уарзынц, фæлæ сын у пайда. Сындзыхъæуы скъолайы ахуырдзаутæ хæрæндонмæ бацæуыны рæстæгмæ фенхъæлмæ кæсынц зæрдиагæй, хæринаг сын дзы цæттæ кæнынц уарзонæй. Хæрзад хойраг æмæ фæлмæн зæрдæйы ахаст, æмæ ма сывæллоны цы хъæуы?…

Фæлæ йæ се ппæт нæ зонынц, хæринаг сын цы уавæрты фæкæнынц, уый. Хæринаггæнæн блок рагæй дæр заууатмæ æрцыди. Чи дзы кусы, уый хъаст кæны, кусæнгæрзтæ дæр кæй нал бæззынц, уымæй. Фæлæ дзы æппæты тæссагдæр уавæры ис цар. Къæвдайы рæстæг хæрианаггæнæн агъуыст донæй байдзаг вæййы.

Скъола арæзт цыди дыууæ къæпхæнæй. Зæронд бæстыхайыл цæуы 90 азæй фылдæр. 70-йæм азы ма йыл бафтыдтой 2-æм уæладзыг, уый фæстæ ма дзы скодтой стыр уæлæмхасæн арæзтад. Меценатты фæрæзты фæрцы цалдæр азы размæ, сæйраг корпусты сæртæ æрцыдысты цалцæггонд. Æнæвнæлдæй баззадысты хæринаггæнæн блок æмæ спортивон зал.

Дыгуры районы администрацийы куыд загътой, афтæмæй 2022-æм азы скъола фæнд кæнынц бындуронæй рацаразын. Аивдзысты йын йæ коммуникацитæ æмæ æппæт кусæнгæрзтæ, базилдзысты йын йе ддаг бакастмæ. Æнæрхъуыдыйæ нал баззайдзæн хæринаггæнæн блок дæр.

Сындзыхъæуы скъола иунæг объект нæу, бындуронæй рацаразын кæй хъæуы, ахæм. Уый фæстæ цалцææмæ рады лæууынц Дигорайы 1-æм æмæ 2-æм скъолатæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania