филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 воскресенье, 01 февраля 2026
08 апреля 2021, 14:28
Полилингвалон ахуырадыл Цæгат Ирыстоны бирæ ныхас æмæ куыст цæуы

Йæ фæрцы архайынц мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл

Полилингвалон ахуырадыл Цæгат Ирыстоны бирæ ныхас æмæ куыст цæуы. Йæ фæрцы архайынц мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл. Кæм ыл кусынц, уыдонæй иу у Æрæфы районы сывæллæтты рæвдауæндон «Солнышко». Бабæрæг æй кодта не сфæлдыстадон къорд, æмæ нæм Сосранты Жаннæ фæхæццæ кæндзæн æнтыстджын коллективы куысты бæрæггæнæнтæ.

Æрвылбон ахæм цымыдисаг хабæрттæй райдайынц сæ уроктæ Цыколайы рæвдауæндон «Солнышко»-йы. Фæлтæрдджын хъомылгæнæг Медойты Ирæ хорз зоны сывæллæтты зондахастмæ фæндаг. Йæ бирæ æзты куыст ын фадат дæтты алы сабийы удмæ дæр чи бахъара ахæм ныхæстæй темæ фæхæццæ кæнынæн. Æвæццæгæн йæ куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæса, уый Ирæйы хуызæн нæ архайдзæн йæ хъомылгæнинæгты бæрзонд зонындзиндтыл. Уый та æрмæст мадæлон æвзаг базоныны фарстайы нæ, фæлæ уымæй пайда кæнгæйæ сабийы миддуне фæхъæздыгдæр кæныныл.

Полилингвалон къабазыл архайгæйæ рæвдауæндоны коллектив агуры гæнæнтæ сæ сабитæн фидæны цы æрмæг бабæздзæн уый сæм хæццæ кæныныл дæр.

Куыд фæлтæрдджын кусæгмæ, афтæ Медойты Ирæмæ дæр ис йæхи хъуыдытæ ацы программæ фæхæстæгдæр кæнынæн сабитæм.
Кæд Солнышко -йы сæ уавæртæ баллиццагдæртæй не сты, уæддæр уый сывæллæтты зондахастыл бæрæг кæнын нæ уадзынц йæ кусджытæ. Бирæты фæнды ардæм æрбакæнын сæ сывæллæтты. Йæ коллектив йæ бирæ азты арæхстдзинад равдыста йæ рауагъдонтæй. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй æвзагзонынады фарстайы та хъуамæ сæ фарсмæ ныййарджытæ дæр æрбалæууой.
Бæргæ архайынц алы хуызы дæр сывæллонмæ мадæлон æвзаджы фæлмæндзинад, рæсугъддзинад фæхæццæ кæныныл, фæлæ сæмбæлынц цæлхдуртыл, хъуагдзинæдтыл.

Тохъайты Надеждæ цæргæ бонты кусы кæстæр фæлтæримæ фæлæ ацы рæвдауæндоны сæргъы æрлæугæйæ бадис кодта, нырыккон хъуыддæгтыл куыст куыд цæуы, æнусы рдæгæй фылдæр цы рæвдауæндоныл цæуы, уым, кæд æмæ йæ гæнæнтæ, афтæ нæ амонынц, уæддæр.

Куыд загъдæуы – кусын кæй фæнды, уый ссары мадзæлттæ, нæ фæкæны æфсонтæ! Афтæ «Солнышко» мæ бацæугæйæ –кæд сæ уавæртæ къуындæг æмæ зын авналæн сты, уæддæр йæ коллективы куыст йæ бафæзминаг, æрмæст полилингвалон ахуырады къабазы нæ, фæлæ се нæзивæг архайдæй дæр. Уыцы иу уатæй æрбацаразынц актон зал, хæрæндон, хъазæндон дæр, уыимæ та æппæт санитарон домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Ныр ма ацы коллективы къухы фылдæр гæнæнтæ куы уаид, уæд та цымæ цытæ равдисиккой æмæ цы диссаджы сабитæ ракæниккой царды се ннæ къæпхæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania