Педагогтæн æмæ сæ ахуыргæнинæгтæн нырæй фæстæмæ фадат уыдзæн æмбæлгæ уавæрты сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ базонынæн
60 азмæ фыццаг хатт Алагиры аивæдты скъолайы райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ кæнын. Педагогтæн æмæ сæ ахуыргæнинæгтæн нырæй фæстæмæ фадат уыдзæн æмбæлгæ уавæрты сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ базонынæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ бантысдзæн бæстыхайы историон хай бахъахъхъæнын. Объект хъуамæ эксплуатацийы радтой августы кæрон. Уымæ гæсгæ ног ахуыры аз райдайдзæн афоныл. Ныхасы бар Томайты Батразæн.
Сфæлдыстадон куыст кæнынæн хъæуынц эстетикон æнкъарæнтæ. Алфамблай уавæр та хъуамæ уымæн кæна æххуыс. Уымæ гæсгæ Алагиры аивæдты скъола йæ хъомылгæнинæгтыл сæмбæлдзæн ноггондæй. Ныртæккæ дзы цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Рацарæзтмæ бавнæлдтой дыууæ къуырийы размæ. Кæлæддзаг уыди бæстыхайы сæр дæр. Ныр та йæ æххæстæй баивдзысты.
Аивæдты скъолайы ис 300 хъомылгæнинаджы. Уыдон сæ дæсныйадыл æфтауынц нывкæнынадæй, хореографийæ æмæ фортепианойыл цæгъдынæй. Цалцæггæнæн куыстыты тыххæй хатдзæгтæгæнæн фæлварæнтæ радтой апрелы райдиан. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ скъолайы ахуыргæнджытæ сты йæ раздæры рауагъдонтæ. Скъолайы директор Икъаты Элизæйы ныхæстæм гæсгæ, бындурон цалцæгмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ бæстыхай афтæ тынг базилинаг у, уый æнхъæл нæ уыдысты.
Сфæнд кодтой бæстыхайы историон хай бахъахъхъæнын дæр. 19-æм æнусы астæу ам уыд чысыл аргъуан. Æнæхъæнæй ма дзы баззад асины хай æмæ купол. Бæстыхай арæзт æрцыд 1954-æм азы. Уæдæй фæстæмæ цалцæггонд никуы уыд. Объект хъуамæ эксплуатацийы радтой августы кæрон. Уымæ гæсгæ ног ахуыры аз райдайдзæн афоныл.




