29 апреля 2021, 13:36
Ирон театры сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы 90 азы юбилей
Æрбахуыдтой йæм Мариинаг театры филиалы артистты
Ирон театры арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Сбæрæг дзы кодтой Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы 90 азы юбилей. Æрбахуыдтой йæм Мариинаг театры филиалы артистты. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Хъуыссæты Мæирбег ахуыргæнæндоны педагогтæн радта арфæйы фыстæджытæ æмæ коллективæн раарфæ кодта Сергей Меняйлойы номæй. Ныртæккæ адæмты хæлардзинады Ордены номхæссæг Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы алы факультетты ахуыр кæны 1000 студентæй фылдæр.
темæмæ гæсгæ




