Ам дæр, куыд æнæхъæн республикæйы афтæ, æркæсинаг у цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæ
Сергей Меняйло хицауады уæнгтимæ сарæзта фыццаг цæугæ æмбырд Æрæфы районмæ. Ам дæр, куыд æнæхъæн республикæйы афтæ, æркæсинаг у цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæ. Профилон министрады разамонæг Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг куыст цæудзæн дондзæуæн системæ снывыл кæныныл, уыимæ, Æрæфы æмæ Дыгуры районты дæр. Æмбырды ныхас цыди хæхбæстæ газæй ифтонг кæныны хъуыддагыл дæр. Газификацийы программæ æххæстгонд цæуы «Газпром»-ы фæрæзтæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй хызтæ уагъд æрцыдысты 2014-æм азы, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, ныр дæр ма эксплуатацийы не сты. Сергей Меняйло бадомдта, ацы фарста хæстæгдæр рæстæг алыг кæнын. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг йе ргом аздæхта Мацутæйы интернаты къуылымпыдзинæдтæм дæр. Бæрнон кусæг фæсидт ахуырады системæйы модернизацимæ æркæсынмæ. Ацы хъуыддаджы хъæуы проектон институтимæ бакусын, цæмæй бацæттæ кæной æмбæлгæ проекттæ. Алыг кæнын хъæуы, Цыколайæ Дыгургоммæ иувæрсты фæндаджы арæзтады фарста дæр. Проектмæ гæсгæ, фæндаджы дæргъ хъуамæ уа 8 километры. Фарстайыл бакусæн ис федералон бюджеты субсидитæй. Хицæнæй æрлæууыдысты Цыколайы 1-æм скъолайы уавæрыл дæр. Бæстыхай реконструкцигонд уыди 2015-æм азы. Уæд, подрядон организаци йæ куыст куыд æмбæлы, афтæ нæ сæххæст кодта. Бæлвырддæр та дзы хорз нæ бакуыстой зынгсирвæзтыты ныхмæ сигнализацийыл. Ис дзы æндæр аипдзинæдтæ дæр. Уымæ гæсгæ, документтæм гæсгæ, скъола эксплуатацийы лæвæрд не рцыд. Фæлæ дзы уæддæр сывæллæттæ ахуыр кæнынц. Сергей Меняйло бадомдта, ацы фарстайыл хæстæгдæр рæстæг бакусын Æнæнхъæлæджы цауты министрадимæ, æмæ дзы нырыккон зынгсирвæзтыты ныхмæ системæ сæвæрын.




