Радоныл цин кæнынц Æрæфы районы Лескены хъæуы цæрджытæ
Федералон программæты æххуысы фæрцы Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд æмæ цæуы бирæ пайдайаг хъуыддæгтæ. Радоныл цин кæнынц Æрæфы районы Лескены хъæуы цæрджытæ. Уым цалцæггонд цæуы бынæттон скъола. Уыцы хорздзинадмæ хъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты 50 азы бæрц. Куыстыты цыд федта не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр нæ семæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.
Рæхджы ам ногæй райдайдзысты аразын бæрæгбоны мадзæлттæ. Актон зал, уæвгæ куыд бæстыхай иууылдæр, афтæ уый дæр æнусы рдæг цалцæггонд нæ уыд. Уыцы рæстæгмæ арæзтад заууатмæ æрцыд.
Сног кæндзысты канд сценæ нæ, фæлæ ма зал дæр. Федералон программæйы æххуысы фæрцы ма ивд æрцæудзæн скъолайы сæр, хъармгæнæн системæ æмæ доныхызтæ.
Ахуыргæнæндоны фæзындзæн ногдзинæдтæ дæр. Сывæллæттæн дзы фадат уыдзæн ноггæнæнтимæ – «Робототехникæйы», ОБЖ-йы, «Программирования»-йы æмæ «Промдизайн»-ы рацарæзт кабинетты архайын. Афтæмæй «Точка роста» фæхæстæгдæр уыдзæн Лескены цæрæг скъоладзаутæм.
Асеты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, лескейнæгтæ скъолайы бæстыхайы цалцæгмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Уыимæ куыд ахуыргæнджытæ, афтæ сабитæ дæр. Æмтгæй райсгæйæ, ахуыргæнæндонмæ цæуы 256 скъоладзауы. Ам ма цин кæнынц, ацы аз сæм 24 фыццагкъласоны кæй уыдзæн, ууыл. Рагæй дæр дзы нал уыд, скъоламæ фыццаг къахдзæф чи бакæндзæн, уыйас сабитæ.




