филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
29 июня 2021, 11:52
Æрæфы районы райдыдта физкультурон дзæбæхгæнæн комплексы арæзтад

Цыколайы фыццæгæм скъолайы цур уыдзæн райдзаст бæстыхай

Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хорздзинад царды йæ бынат ары. Æрæфы районы райдыдта физкультурон дзæбæхгæнæн комплексы арæзтад. Цыколайы фыццæгæм скъолайы цур уыдзæн райдзаст бæстыхай. Сывæллæттæн дзы уыдзæн фылдæр гæнæнтæ.

Æрæфы районы цæрджытæй уырнгæ дæр нæ кæны, ныхæстæ хъуддыгтæм кæй рахызтысты, уый. Цыколайы цы физкультурон дзæбæхгæнæн комплексæн бынат скодтой, уый хъуама лæггад кæна æппæт районы сывæллæнттæн дæр. Йæ саразыны проект иу боны куыст нæ уыд.

Комплексы фадат уыдзæн  спорты алы хуызтæй архайынæн. Райдзаст стадионы фарсмæ кæй у, уымæй та ма Цыколайы ацы хай фæрæсугъддæр уыдзæн.  Аразджытæ бавнæлдтой куыстыты фыццаг къæпхæнмæ. Уый ныр дæр фадат радта адæмæн куысты бынæттæ скæнынæн. Ныридæгæн æвæрынц бындур бæстыхайæн. Конд цæуы сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Кусæн бынæттæ дзы уыдзæн  60  адæймагæй фылдæрæн.

Районы администрацийы сæрдар  Лагкуыты Омар куыд зæгъы, афтæмæй  бадзырдмæ гæсгæ дзы хъуамы куыстытæ конд фæуой 2023-аг азмæ, фæлæ аразаг компанийы разамынды ныхæстæм гæсгæ та  сын хъуамы афæдз раздæр бантыса сывæллæттæн ацы лæвар скæнын. Уæвгæ Æрæфы районы администраци тынг архайы, республикæйы хицауадимæ сабитæн гæнæнтæ æмæ фадæттæ аразыныл.

Ныр дæр , куыд  Цæгат Ирыстоны скъолаты , афтæ ам дæр арæзт æрцыд сæрдыгон лагерьтæ. Сæ фæрцы сабитæн фадат вæййы кæрæдзи хуыздæр базонынæн. Уыимæ та ма сæ зондахастæн пайдайагæй арвитын сæ ахуырæй уæгъд рæстæг .

Афтæ хъæлдзæгæй сæ бон райдайынц Сырх-Дыгуры скъолайы ахуырдзаутæ. Фæлæ ацы рæстæг ардæм се рбацыды нысаниуæг  вæййы æндæрхуызон – хи аирхæфсын æмгæрттимæ, ног хъæзтытæ базонын æмы дзы сæхи бафæлварын.

Лагеры сын арæзт æрцæуы алы хуызы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, конкурстæ æмæ викторинæтæ. Баст вæййынц алыхуызон темæтимæ. Раппæлинаг у уый,   æмæ ахуыргæнджытæн сывæллæттимæ куысты фарæстæмкъласонтæ кæй æххуыс кæнынц, уый.

Лагеры æрмæст хъазгæ нæ кæнынц, фæлæ сабитимæ куыст цæуы  сæрмагонд пъланмæ гæсгæ.

Ахæм уавæртæ конд кæй цæуы сывæллæттæн, ууыл цин кæнынц ныййæрджытæ дæр, зæгъы Сырх -Дыгуры скъолайы директор. Алывæрсыгæй дæр æнæзæрдæхсайгæ сты сæ сабитæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania