Раздæр уал реставраторты профессионалон бригад скульптурæтæ ныссыгъдæг кодтой æмæ сæм базылдысты
Ирыстойнаг префектурæйы кусджытæ сног кодтой Цæнгæт хиды алывæрсты æврæд чи рцыд, уыцы стайты. Раздæр уал реставраторты профессионалон бригад скульптурæтæ ныссыгъдæг кодтой æмæ сæм базылдысты. Сахуырстой сæ сызгъæрин ахорæнæй, уыимæ дыууæ уæлцъарæй, æмæ ныр фигурæтæ сæ раздæры хуыз раздæхтой. Зæгъдзыстæм ма уый дæр æмæ Цæнгæт хид нымад у Дзæуджыхъæуы зæрдылдарæн бынæттæй иуыл. Кадджын уавæры йæ байгом кодтой 1863-æм азы ноябры. Уæд Лондонæй сластой цæнгæт конструкцитæ. Ныртæккæ хид у нæ горæты транспортæн ахсджиагдæр бынат. Алы бон дæр ыл рацæуы мингай машинæтæ æмæ дæсгай трамвайтæ. Уæвгæ та Дзæуджыхъæуы ис дыууæ хиды, трамвайты фæндаг кæм ис, ахæмтæ. Уыдонæй иу Цæнгæт хид.




