Уым хъомылгæнинæгтæ исынц, фидæны сæ чи бахъæудзæн, ахæм парахат зонындзинæдтæ
Дур-Дуры скъола-интернат «Надежда»-йы байгом кодтой æрмадзтæ. Уым хъомылгæнинæгтæ исынц, фидæны сæ чи бахъæудзæн, ахæм парахат зонындзинæдтæ. Нырма уал дзы ис 3 профилы: аразæг, хъæддæсны æмæ дзабырхуыйæг. Лæппутæ æмæ чызджытæ æнхъæлмæ кæсынц, кабинеттæ æппæт хъомысæй кæд скусдзысты, уымæ. Сосранты Жаннæ радзурдзæн бæстондæр.
Годжысаты Маратæн хъæдæрмæгимæ куыст йæ зæрдæмæ фæндаг не ссардта, фæлæ хуыйын та бауарзта зæрдиагæй. Ныридæгæн аразы дизайнерон дзаумæттæ.
Коррекцион скъола «Надежда»-йы æцæг бирæ профилон ахурадон программæ райдайы астæуккæг кълæсты. Ам алцæуыл дæр æмæ алкæуыл дæр хъуыды кæнынц бæстон. Куыстуаты ис хи хъармуат дæр. Æрвылаз дзы æрзайынц кæнынц алыхуызы халсартæ.
Куыд алы сæрдыгон каникулты рæстæг, афтæ ныр дæр «Надеждæ»- йы цæуы цалцæг, фæлæ ацы хатт та бындурон. Ног ма кæнынц бæстыхайы æддаг къултæ дæр. Уыимæ ам цин кæнынц сæ æрмадз дæр кæй фæаивдæр уыдзæн, ууыл. Сывæллæттæн дзы сæ бон суыдзæн фылдæр дæсныйæдтыл ахуыр кæнын. Йæ фæрцы базондзысты дзабыртæ аразæн куыст, хъæдæрмæгимæ архайын, стæй ма сæ ам ахуыр кæндзынсты хæдзæрттæ амайыныл. Ныронг та дзы архайдтой канд хъæдæрмæгимæ. Арæзтой куыд хæдзары дзаумæттæ, афтæ алыхуызы сувениртæ.
Дарддæр фылдæр. Рæхджы та ма чызджытæ æмæ лæппутæ сæхи бафæлвардзысты хæринаг кæнынæй. Байгом сын дзы уыдзæн сæрмагонд кабинет, кæцы æххæст уыдзæн æппæт хъæугæ мигæнæнтæй. Тедеты Миланæ уал бахъуыды кодта, уаты дзаумæттæ куыд хуыздæр æрæвæрын хъæуы, уый.
Уæвгæ «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæй алкæйы бон дæр у йæхи бафæлварын цыфæнды дæсныйадæй дæр, æмæ йæ зæрдæмæ цы хæстæгдæр уа, ууыл та бæстондæр архайын.
Ацы сабитæ сæ фидæн аразынц сæхæдæг сæхи къухтæй. Сæ фарсмæ домаг, фæлæ уыцы иу рæстæг зæрдæхæлар ахуыргæнджытæ. Уыдон зæрдиагæй архайынц алы сабийы курдиат дæр раргом кæныныл, уыимæ канд ахуыры рæстæг нæ, фæлæ сæ уæгъд рæстæг дæр. Уымæн æмæ йæ æмбарынц, ацы сабитæ ардæм сæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ кæй не рбацыдысты, фæлæ сæ царды уавæртæ кæй баиу кодтой ам, уый. Уымæ гæсгæ свæййынц иу стыр бинонтау – уым та æнæцæстуарзон митæн уæвæн нæй.




