филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:27 вторник, 03 ноября 2026
08 июля 2021, 13:17
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Цæгат Кавказы федералон зылды банк ВТБ-йы разамонæг Александр Дыренкоимæ

Æрныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл, стæй нæ республикæйы цæрджытæн пайда чи уыдзæн, ахæм финансон лæггæдтыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Цæгат Кавказы федералон зылды банк ВТБ-йы разамонæг Александр Дыренкоимæ. Æрныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл, стæй нæ республикæйы цæрджытæн пайда чи уыдзæн, ахæм финансон лæггæдтыл. Банк нысан кæны Мæздæджы уæлæмхасæн офис байгом кæнын. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы æмæ банчы разамынд фадат дæттынц æнгом кусæг ахасдзинæдтæ фидар кæнынæн. ВТБ Цæгат Ирыстоны кусы 2008-æм азæй фæстæмæ. Лæггад кæны корпоративон æмæ хицæн клиенттæн. Афæдзы фыццаг æмбисмæ банчы кредитон документты хыгъд сси 8 миллиарды æмæ 800 милуан сомы. Банчы дзæуджыхъæуккаг хайад лæггад кæны 50 мин адæймагæй фылдæрæн. 26 мин адæймаджы та сæ куысты мызд исынц ВТБ-йы картæтæм. Льготæтæм гæсгæ ипотекæ исгæйæ банк республикæйы цæрджытæн радта 120 кредиты. Сæ иумæйаг аргъ у 290 милуан сомы. Чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн паддзахадон æххуысы фæрцы Цæгат Ирыстоны кредитон пъартфел фæфылдæр 500 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania