Стыр æргом аздæхтой риссагдæр фарстатæм
Рахизфарсы районы социалон-экономикон рæзтыл ныхас цыд Хицауады æмбырды Беслæны. Стыр æргом аздæхтой риссагдæр фарстатæм. Афтæ районы æнæмæнг хъæуы доны фарста алыг кæнын. Сæрдыгон рæстæг районы 5 хъæуы баззайынц æнæ донæй. Брут, Ног Бæтæхъо, Раздзог, Зилгæ æмæ Хуымæлæг. Заманхъул æмæ Цæлыккæн сæрмагондæй бакуыстой проектон-сметон документацийыл. Районы ма хъæуы 32 проекты саразын дондзæуæнты санитарон хъахъхъæнынадæн. Ивгъуыд азмæ муниципалон сконды фæкъаддæр хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгты æмвæзад. Тускъаты Таймураз финансты æмæ экономикон рæзты министрадтæн бабар кодта Рахизфарсы районы хъалонисæн хъомысы анализ скæнын.
Æмбырды ма ныхас цыд национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзыныл. Уыимæ – республикон фæрæзтæй. Дыууæ азмæ Рахизфарсы районы арæзт æрцыд 16 объекты. Уымæй дарддæр ма 13 объекты фæзындзысты хæстæгдæр дыууæ азы. Ныртæккæ бындуронæй цалцæг кæнынц Беслæны 6-æм скъола. Сæрмагондæй уымæн радих кодтой 32 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ не сфаг сты 4-уæладзыгон бæстыхайæн. Уыимæ ма проектмæ нæ бахастой бæстыхайы сæр. Премьер-министр бабар кодта арæзтады министрадæн фарстамæ бæстон æркæсын æмæ йæ алыг кæнын.




