филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:37 воскресенье, 01 февраля 2026
14 июля 2021, 14:01
Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы администрацийæн бабар кодта трамвайты депо горæты исбонмæ раттыныл бакусын

Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы уавæрæн ис дыууæ рацæуæны: тæрхондоны уылты, кæнæ та амалхъом адæймаг хъуамæ йæхæдæг сиса йæхицæй хицауы бартæ

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло аппаратон æмбырды Дзæуджыхъæуы администрацийæн бабар кодта трамвайты депо горæты исбонмæ раттыныл бакусын. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы уавæрæн ис дыууæ рацæуæны: тæрхондоны уылты, кæнæ та амалхъом адæймаг хъуамæ йæхæдæг сиса йæхицæй хицауы бартæ. Уымæй дарддæр ма хъуамæ базила алфамбылай территоритæм дæр. Куыд лыггонд цæуы фарста, æмæ, культурон хæзнайыл нымад чи у, уыцы объектæн цавæр фидæн уыдзæн, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æппæтæй экологондæр æмæ горæты пейзаж чи рæсугъд кæны, ахæм транспорты хуыз. Трамвайтæ сты Дзæуджыхъæуы фидауц. Цалынмæ Сабырдзинады проспект цалцæггонд цæуы, уæдмæ вагæттæ цæуынц иувæрсты фæндагыл. Зæгъæн ис, æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сæнкъард сты æфсæйнаг цæлхыты уынæрыл.

Фæлæ кæд зæронд вагæттæ цæст рæвдауынц, уæддæр æвзæрын кæнынц зындзинæдтæ. Депо цалцæггонд нæ цыди дæсгай азты дæргъы, куысты уавæртæ сты хуыздæрхъуаг, суанг ма æдасдзинады домæнтæн дæр дзуаппæ нæ дæттынц.  

Администраци трамвайты управлени не мбары, ома куыд ис вагæтты парк æмæ трамвайты фæндæгтæ сног кæныныл дзурын, кæд æмæ депо нырыккон стандарттæн дзуапп нæ дæттынц, уæд. 

Бæстыхай йæхæдæг нымад у республикæйы культурон хæзнайыл æмæ бынтыл нымад. Фæзынд 20-æм æнусы райдиан. Уæвгæ та трамвайтæ Дзæуджыхъæуы фæзындысты Санкт-Петербургæй раздæр. Системæ хъæуы банывыл кæнын æмæ бахъахъхъæнын, зæгъынц историктæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уавæры депо хъуамæ ма уа, зæгъынц республикæйы культурон бынтæ хъахъхъæныны комитеты. Ацы бонты комитеты специалисттæ бакодтой бæрæггæнæн куыст, æмæ депойы разамындæй бадомдтой бæстыхаймæ æмæ йæ алфамбылай территоримæ базилын.

Комитеты амынддзинæдтæ куы нæ сæххæст кæной, уæд тæрхондоны уылты ныхас цæудзæн ахсджиаг фарстайыл – трамвайты управлени амалхъом адæймагмæ нал хаудзæн, фæлæ хаст æрцæудзæн горæты исбонмæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania