филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
15 июля 2021, 12:12
Сæ хæстæ æмбæлгæ уагæй чи не ххæст кæны, уыцы подрядчикты æфхæрдзысты ивартæй, стæй, гæнæн ис, æмæ семæ фехалой бадзырдтæ

Ахæм хъуыды Тускъаты Таймураз загъта социалон объектты арæзтады фарстаты фæдыл æмбырды

Сæ хæстæ æмбæлгæ уагæй чи не ххæст кæны, уыцы подрядчикты æфхæрдзысты ивартæй, стæй, гæнæн ис, æмæ семæ фехалой бадзырдтæ. Ахæм хъуыды Тускъаты Таймураз загъта социалон объектты арæзтады фарстаты фæдыл æмбырды. Архайдтой дзы профилон министрады æмæ подрядон компаниты минæвæрттæ. Хицауады сæрдар бæрнон адæймæгтæн бауайдзæф кодта, арæзтады æмгъуылдтæ кæй фехæлдтой, уый тыххæй. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд загъта, афтæмæй объекттæ афойнадыл кæй нæ аразынц, уымæн йæ аххосаг у, кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Ахæм хатдзæгмæ æрцыдис цæстдарæг къамис дæр. Уый тыххæй фехæлдысты Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндоны, Ольгинскæйы культурæйы хæдзары, Михайловскийы скъолайы рацарæзты графиктæ. Уымæй уæлдай фехæлдысты Беслæны æрыгон натуралистты æмæ техникты станцæйы арæзтады æмгъуыдтæ дæр. Тускъаты Таймураз бадомдта, цæмæй æвæстиатæй сбæрæг кæной, куыстытæ кæд фæуыдзысты, уыцы æмгъуыд. Бахъуыды рæстæг та премьер-министр подрядон куыстуæттæн амоны, цæмæй рацæуой дыууæ сменæйы куыстмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania