филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 воскресенье, 01 февраля 2026
16 августа 2021, 13:17
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Центрон парчы бирæуæладзыгон арæзтад халын

Рацарæзт цæудзæн 4 бирæвæрсыг робот-машинæты фæрцы

Дзæуджыхъæуы райдыдтой Центрон парчы бирæуæладзыгон арæзтад халын. Рацарæзт цæудзæн 4 бирæвæрсыг робот-машинæты фæрцы. Горæты цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй, парчы иу хай сывæллæтты ирхæфсæн аттаркционтимæ æрцыд æхгæд. Горькийы æмæ Тæбæхсæуты Балойы уынгтæй, стæй Пашковскийы хиды рдыгæй бынатмæ бацæуæн уыдзæн зын. Рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ, куыстытæ цæудзысты дыууæ мæймæ хæстæг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, объекты арæзтад æрлæууыд 2009-æм азы. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, территори фæстæмæ лæвæрд æрцыд республикæйы исбонмæ. Бæстондæр – Фидараты Маринæ.

Æнæзакъон 11 уæладзыджы. Æмæ сæ халынц. Бирæуæладзыгон арæзтадыл бирæ ныхас цыд, уымæн æмæ ис Хетæгкаты Къостайы номыл парчы хъахъхъæд зонæйы.  Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы куыстытæ райдыдтой. Кæнынц сæ Новосибирскæй подрядон организацийы минæвæрттæ. Сты фæлтæрдджын специалисттæ. Раздæр ахæм куыстытæ кодтой æндæр регионты дæр. Подрядчик рагацау объектæн æмæ йæ алфамбылай территорийæн скодта иртæстытæ. Фæлæ загъта – объект у уæззау, æмæ бадомдзæн лæмбынæг куыст.

Рацарæзты куыстытæ кæнынц роботтæ. Бæстыхайы сæрæй райдайдзысты иу уæладзыг иннæйы фæдыл халын. 

Рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæстыхай фехалыныл ацæудзæн дыууæ мæйы онг. Æмтгæй райсгæйæ, куыстыты æппæт къæпхæнтыл, контрактмæ гæсгæ, ацæудзæн афæдзы рдæг. Фæзуат сæхгæдтой, æмæ специалисттæ бацархайдзысты зиан не рхæссыныл. Куыстыты райдиан бынæй кæнынц техникон бахизæн. Скæндзысты йæ лифты шахтæйы. Æппæт арæзтадон бырæттæ æмбырд кæндзысты уым. Специалисттæ зæгъынц, алцæуыл дæр хъæуы лæмбынæг ахъуыды кæнын, уымæн æмæ фарстатæ æвзæрдзысты рæстæгæй-рæстæгмæ. Чи зоны, æмæ бетоны æууæлтæ фадат нæ ратдзысты хæс сæххæст кæнынæн. Ууыл ахъуыды кæнгæйæ та, бакуыстой æндæр пъланыл. Спайда кæндзысты газогенераторæй. Ацы технологимæ гæсгæ дæр срæмыгъд нæ уыдзæн.

Уыимæ бюджетон фæрæзтæ хардз кæнын нæ бахъæудзæн – зæгъынц Дзæуджыхъæуы администрацийы. Уавæртæ алкæмæн дæр хæсдзысты пайда. Подрядон организаци æхца нæ райсдзæн, фæлæ арæзтад фехалыны фæстæ цы æрмæг баззайдзæн, уый.

Уæгъд бынаты цы уыдзæн, уый тыххæй нырма горæты администрацийы нæ зæгъынц. Сæйрагдæр уал у ацы ахсджиаг хъуыддаг фæуын. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania