Ведомствойы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй активонæй царды æххæст кæнынц комплексон пълан, иумæйаг паддзахадон реестр баххæст кæныны тыххæй
Зæххы хæйттæй пайда кæныны фарстатыл, Иумæйаг паддзахадон реестр æххæст кæныныл æрныхас кодтой республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло æмæ Росреестры регионалон Управленийы разамонæг Токаты Хъазыбег. Ведомствойы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй активонæй царды æххæст кæнынц комплексон пълан, иумæйаг паддзахадон реестр баххæст кæныны тыххæй. Афтæмæй нысангонд цæуынц хъæуты, хъахъхъæд зонæты, культурон бынты объектты территоритæ, доны объекттæ æмæ хъæды хæдзарæдтæ. Афæдзы фыццаг æмбисмæ бантыст хорз барæггæнæнтæ равдисын. Ныртæккæ фарста карзæй лæууы цалдæр цæрæн бынаты, уымæн æмæ дзы фидаргонд не рцыдысты генералон пълантæ. Уый та зындзинæдтæ æвзарын кæны реестр баххæст кæныны хъуыддаджы. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй бакæндзæн алывæрсыг æххуыс ацы фарстатæ алыг кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма фарстайыл æрдзурыны фæндон бахаста хицауады радон æмбырды. Нысан ма кæнынц бюджетмæ æмбæлгæ фæрæзтæ бахæссын, генералон пълантæ кæм нæй, уыцы хъæуты сæ скæнынмæ.




