20 августа 2021, 13:10
Мæздæджы агурæг-сгарæг къорды уæнгтæ сæ куыстытæ æххæст кæнынц Хъызлары
Теркаг æфцæгмæ хæстæг 1942-æм азы цыдысты карз тохтæ
Мæздæджы агурæг-сгарæг къорды уæнгтæ сæ куыстытæ æххæст кæнынц Хъызлары. Ацы территори бынæттон цæрджытæ хонынц мæлæты фæндаг. Теркаг æфцæгмæ хæстæг 1942-æм азы цыдысты карз тохтæ. Ууыл дзурæг сты, ацы бынæтты агурджытæ цы æрмæджытæ ссарынц, уыдон дæр. Æрмæст августы райдайæнæй нырмæ дзы ссардтой 8 советон æфсæддоны стæгдартæ. Семæ разындысты сæ хи дзаумæттæ, кърандæстæ, медицинон кусæнгæрзтæ. Уымæй уæлдай салдæттæм уыдис десантникты нысантæ. Ахæм агурæн сгарæн куыстытæ рæстæг специалисттæ адзух фæагурынц медальонтæ. Нырма уал ссардтой дыууæ. Фæлæ агурджытæ зæрдæ дарынц, салдæтты нæмттæ кæй сбæрæг кæндзысты, ууыл.




