филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:34 воскресенье, 01 февраля 2026
27 августа 2021, 11:33
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд

Фембæлды сæйрагдæр цы фарстатыл цыди ныхас, уыдонæй иу уыди ног ахуыры азы райдианмæ ахуыргæнæндæтты хъахъхъæнынады, ам ахсджиаг у æппæты карздæр мадзæлттæй спайда кæнын, цæмæй уавæрмæ цæстдард цæуа æнæрлæугæйæ

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы  æмæ Оперативон штабы æнæрадон æмбырд. Фембæлды сæйрагдæр цы фарстатыл цыди ныхас, уыдонæй иу уыди ног ахуыры азы райдианмæ ахуыргæнæндæтты хъахъхъæнынады, ам ахсджиаг у æппæты карздæр мадзæлттæй спайда кæнын, цæмæй уавæрмæ цæстдард цæуа æнæрлæугæйæ. Уымæй уæлдай дзуапдæттæг оргæнытыл æвæрд ис, æвзæрстыты рæстæг адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны æмæ террористон акттæй бахизыны хæс. Æмбырды куыд бафиппайдтой, афтæмæй ныртæккæ фылдæр æргом здæхт цæуы рухстауæн объектты хъахъхъæнынадмæ, уæлдайдæр та абоны онг сæ техникон ифтонгдзинад æмбæлгæ уагыл кæмæн нæма у конд, уыцы скъолатæм æмæ рæвдауæндæттæм. Ахуырады куыстуæттæ ныридæгæн сбæрæг кодтой. Ног ахуыры азмæ хæстæгдæр ма сыл æрзилдзысты ноджыдæр иу хатт, æмæ æркæсдзысты, видеоцæстдарды системæтæ  куыд кусынц, уымæ. Сæйраг нысан – æнæнхъæлæджы цаутæй бахъахъхъæнын, куыд сывæллæтты, афтæ ахуыргæнджыты æдасдзинадыл архайын. Сергей Меняйло бадомдта, цæмæй аипдзинæдтæ мачи бамбæхса, фæлæ сыл æвæстиатæй кусой дзуапдæттæг куыстуæттимæ. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ радзырдта, республикæ хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ куыд цæттæ у, уый тыххæй. Æвзæрстыты кампани апарахат уыдзæни 335 æвзарæн къамисыл. Се ппæт хайæдтæ дæр суткæйы дæргъы цæуынц хъахъхъæд. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй æвзарæн хайæдты стыр æргом аздахын хъæуы санитарон домæнтæм. Терроризмы ныхмæ ахадгæ мадзæлттæ арæзт кæй нæ цæуынц, уый тыххæй дисциплинарон æфхæрд баййæфтой иуæй-иу æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты, бастдзинады къабазы, транспорты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады разамонджытæ, стæй бынæттон администрациты цалдæр бæрнон кусæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania