Абонæй фæстæмæ ма ахуыргæнæндоны скусдзысты ног æрмадзтæ
Скъоладзауы уæлæ æмæ къахыдарæс, ахуыргæнæн чингуытæ æмæ канцтовартæ меценаттæй. Дур-Дуры скъола-интернат «Надежда» ног ахуыры азмæ у цæттæ. Абонæй фæстæмæ ма ахуыргæнæндоны скусдзысты ног æрмадзтæ. Уым лæппутæ æмæ чызджытæ зонгæ кæндзысты 10 дæсныйады сусæгдзинæдтимæ. Бæлвырддæр – Сосранты Жаннæйы æрмæг.
Тедеты Миланæ фыццæгæм сентябры ахуыры аз райдайдзæн ног скъоладзауы уæлæдарæсы. Куыд зæгъы афтæмæй йын ахсджиаг у, æрмæст дзы æнцон змæлæн куыд нæ уа, фæлæ ма хъуамæ йе ддаг бакастмæ дæр зæрдæ рухс кæна. Миланæ тынг æнхъæлмæ кæсы йе мбæлттимæ фембæлдмæ.
Кæстæр кары сабитæм та ма æнхъæлмæ кæсынц ноджыдæр лæвæрттæ. «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæн цæмæй сæ зондахаст фылдæр æмæ уæрæхдæр кæнынæн уа фылдæр гæнæнтæ, уымæй сын бацæттæ кодтой канцелярон товартæ.
Сæрд кæронмæ фæхæццæ кæны, ныртæккæ у тынг хорз рæстæг, цæмæй кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ æрхъуыды кæной сæ рацыд æрмæг.
Руслан Гуденко лæварæн райста гантельтæ. Скъолайы йæ уарзондæр урок у – физкультурæ, фæсурокты та йæхи фæлвары – къуххæстæй. Ныридæгæн архайдта районы æмвæзады ерысты, дарддæр та бæллы Паралимпиадæйы бацархайынмæ.
Фыццæгæм сентябрæй та ма интернат «Надеждæ»-йы хъомылгæнинæгтæ сæ арæхстдзинадыл æфтаудзысты ног æрмадзты. 10 профессионалон къабазмæ гæсгæ исдзысты зонындзинæдтæ. Се хсæн дзабыртæ хуыйыны дæсныйад, робототехникæ æмæ декоративон аивады хуызтæ. Интернаты ма ис æндæр фæзтæ дæр, сывæллæттæн цымыдисаг чи уыдзæн, ахæмтæ. Куыд дарддæр, афтæ фылдæр. Æппæт ацы хъуыддæгтæ байгом кæнын къухы бафтыд, национ проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ.




