Куыстытæ цæуынц къæпхæнгай, æмæ уый тыххæй уæлдай æргом аздæхтой æмгъуыдтæм
Дзæуджыхъæуы Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыдис, горæты бырæтты полигоны рекультивацийы фарстаты фæдыл æмбырд. Куыстытæ цæуынц къæпхæнгай, æмæ уый тыххæй уæлдай æргом аздæхтой æмгъуыдтæм. Рекультивацийы фыццаг къæпхæн райдыдта ацы аз уалдзæджы æмæ фæуыдзæнис афæдзы кæрон. Уыцы рæстæгмæ хъуамæ сбæрæг кæной полигоны арæнтæ æмæ цы зæххыл уыдзæнис, уый Дзæуджыхъæуы исбонмæ ратдзысты. Ныртæккæ та кусынц, полигоны цы фондз биотермон дзыхъхъы ис, уыдон фесафыныл, бæрæг кæнынц, мæрмæ зианхæссæг буаргъæдтæй цас фæхæццæ ис, стæй цæттæ кæнынц, дæсгай азтæм бырæттæй цы дон æрæмбырд, уый аласынмæ. Полигоны зæхх Дзæуджыхъæуы исбонмæ радтыны фарста рахæсдзысты Горæты думæйы радон сессийы боны фæткмæ. Цы хатдзæг рахæссой, уый та хъуамæ сфидар кæна Цæгат Ирыстоны парламент. Тускъаты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй полигоны рекультиваци нымад у паддзахадон хæслæвæрдыл æмæ йæм хъуамæ уа бæрнон ахастдзинад.




