Фадат сын фæзынд дзæбæхгæнæн æмæ педиатрион факультеттæм бацæуынæн.
Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы студенттæй сырх зонæйы чи куыста, ахæм 24 рауагъдоны, льготæтæм гæсгæ ахуыр кæнынмæ бацыдысты медицинон академимæ. Фадат сын фæзынд дзæбæхгæнæн æмæ педиатрион факультеттæм бацæуынæн. Уыимæ абитуриенттæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн нæ лæвæрдтой, фæлæ сæ æндæр фæлтæрæнтæ раттын хъуыди. Ахæм системæйæ фыццаг хатт не спайда кодтой. Фарон ахуыргæнæдонмæ афтæмæй бацыд 20 адæймаджы. Гæджиты Сослан радзурдзæн бæлвырддæр.
Гиппократы ард бахæрын Гæдзаццаты Елизаветæ сфæнд кодта йæ нанайы мадмæ гæсгæ. Хæрзчысыл саби ма куы уыди, уæд ын йæ хистæр дзырдта дохтырты хъæбатырдзинады тыххæй. Чызг куыд рæзыд, афтæ фидардæр кодта йæ фидæны дæсныйады бæллиц. Фæлæ уый æнхъæл нæ уыди, æмæ адæмы ирвæзын кæнын райдайдзæн, ахуыр цалынмæ нæ фæуа, уæдмæ. Цæмæй йæ пайда æрхæсса, уый тыххæй Елизаветæ кусынмæ бацыд сырх зонæмæ.
Йæхи рдыгæй пайда æрхæссыны фæнд скодта Деметы Лаурæ дæр. Коронавирусы дыккаг уылæн куы райдыдта, уæд барвæндонæй кусынмæ бацыд республикæйы клиникон рынчындонмæ. Афтæмæй практикæйы базыдта, раздæр чингуыты цы касти, уыцы хъуыддæгтæ.
Чызджыты ныфс æмæ хъæбатырдзинад æнæ бафиппайгæ нæ фесты. Сæ ахуыр адарддæр кодтой медицинон академийы. Уыимæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн нæ лæвæрдтой, фæлæ уæддæр ахуыр кæнынмæ бацæуыны тыххæй фæлтæрæнтæ сæххæст кодтой.
Ахæм льготæтæ лæвæрд æрцыд медицинон колледжы дыууын аст рауагъдонæн. Уыдон куыстой сырх зонæйы. Фарон ахуыргæнæдонмæ афтæмæй бацыд, ковид-госпиталы чи куыста, ахæм 20 адæймаджы.




