09 сентября 2021, 11:56
Амбулаторон уагæй Ковид-19-æй кæй дзæбæх кæнынц, уыдон æххæстгонд цæуынц æппæт хъæугæ хостæй
Поликлиникæты препараттæ дарынц сæрмагонд бынаты
Амбулаторон уагæй Ковид-19-æй кæй дзæбæх кæнынц, уыдон æххæстгонд цæуынц æппæт хъæугæ хостæй. Поликлиникæты препараттæ дарынц сæрмагонд бынаты. Пациенттæм сæ хæццæ кæнынц дохтыртæ, кæнæ медицинон хотæ, гæнæн ис æмæ рынчынимæ чи не мбæлд, ахæм хæстæг дæр сæ райса. Уыцы фарстайы ма се ххуысы хай хæссынц акци #Мывместе –йы архайджытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ алы рынчынæн дæр лæвæрд кæй цæуы хосты сæрмагонд номхыгъд. Æнæмæнг, пациенты уавæр хынцгæйæ. Уæвгæ, УФ-йы æнæниздзинадхъахъхъæнынады амындмæ гæсгæ коронавирусæй рынчынтæ дзæбæх кæнынæн фылдæр хъæуы вирусы ныхмæ хос, буары тæвд къаддæр кæнæн перепарат, туг тæнæг кæнæн æмæ æндæр хостæ.
темæмæ гæсгæ




